Республикæйы арæзт æрцыд сæрмагонд блиц-турнир шахматтæй.

Республикæйы арæзт æрцыд сæрмагонд блиц-турнир шахматтæй. Бацæттæ йæ кодтой ацы спорты æппæтадæмон федерацийы домæнтæм гæсгæ. Ахæм хуызы ерыс Цæгат Ирыстоны никуыма уыд. Шахматисттæ хъазынц рæстæгмæ. Алы партийæн дæр лæвæрд цæуы 3 минуты, 2 секунды та алы архайæгæн дæр цыд саразынæн. Иу ерыс ахæссы 10 минуты онг. Сæ интеллектуалон зонындзинæдтæ равдисынмæ æрæмбырд сты 50 адæймагæй фылдæр. Æппæтæй кæстæрыл цыд 7 азы, хистæрыл та – 79. Ерыс арæзт æрцыд 11 къæпхæнмæ гæсгæ. Турниры хатдзæгтæм гæсгæ сбæрæг ис æххæст уæлахиздзау. Уымæй уæлдай ма равзæрстой хуыздæрты 3 номинацийы – шахмæтты ветеранты, сывæллæтты æмæ чызджыты ‘хсæн.

Оригинал: http://alaniatv.ru/habaerta/vesti-iryston/?id=24506

 

Добавить комментарий

Ваш e-mail не будет опубликован. Обязательные поля помечены *